Куыд цæрынц швейцариаг сӕгътæ Хуссар Иры

Цхинвалы районы Тъбеты хъӕуӕй рацӕугӕ Бибылты Олег сфӕнд кодт ӕрцӕрын кӕнын Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг сӕгъты мыггаг Фермер швейцариаг сӕгъты Хуссар Ирыстонмӕ ӕрласта ивгъуыд азы. Урс-урсид рӕгъӕуттӕ тезгъо кӕнынц Тъбеты хъӕуы Бибылты сыхы. Фӕсарӕйнаг “уазджытӕ“ хуссайраг уавӕрты сӕхи хатынц хорз. Сӕ хицӕуттӕ - ӕвзонг къай Бибылты Олег æмæ Козаты Этерийы зӕрдӕтӕ райынц стыр цот ӕмӕ хӕрзгъӕд урсагӕй ӕмӕ сæ хъомтӕ æнæхъусдард нæ уадзынц. Уый бафиппайдта, зӕгъгӕ, бирӕ адӕм натуралон ӕхсыр фӕфауынц йӕ тӕфы тыххӕй, фӕлӕ тъбеттаг сӕгъты ӕхсыр уыцы аиппӕй дӕр цух у. Амалиуӕггӕнӕг нымайы, ацы куыст ӕнӕмӕнг к{
Back to Top