Туркæгтæ дæр ма ИРОНАУ дзурынц
Ирон æвзаг æмæ литерæтурæйы боны уæлдай æхсызгондзинад. Алагиры районы цæрынц туркæгтæ. Уыдон æнувыд сты куыд сæ мадæлон туркаг, афтæ ирон æвзагыл дæр. Уыимæ сын у тынг уарзон. Нымайынц æй тынг рæсугъдыл. Иронау афтæ хорз дзурынц æмæ цы адæмы хаттæй сты, уый æмбаргæ дæр ничи бакæндзæн.
Туркаг лæппу Ясин - Ирыстоны йæ райгуырдæй фæстæмæ цæры. Æмæ кæд ирон нæу, уæддæр ирон æвзагыл дзуры йæ мадæлон туркаг æвзагыл куыд дзуры, афтæ. Ахуыр кæны фыццæгæм къласы. Скъолайы цы предметтæ ахуыр кæны, уыдон йæ зæрдæмæ