Задалескы Нанайы бæрæгбон сбæрæг кодтой Дыгургомы
Æрвылаз августы фыццаг сабаты адæм æрымбырд вæййынц Дыгургомы. Ардæм æрбацæуынц Задалескы Нанайы ном ссарынмæ. 14 æнусы Тимуры ныббырсты рæстæг Алайнаг сылгоймаг тугдзых æфсæдтæй бахъахъхъæдта 10 хъæбулæй фылдæр. Бæрæгбоны алырдыгæй дæр фæхъусынц куывдтытæ. Сæ ахсджиагдæртæ - амонд, бинонты фарн æмæ æнæниздзинады тыххæй.
Августы фыццаг сабат куы ралæууы, уæд адæм æрымысынц Задалескы Нанайа ном . Ацы аз дæр се ’ртæ чъирийæ скуывынмæ Задалескмæ æнæрлæугæйæ цыдысты бинонтæ Ирыстоны алы кæмттæй. Ам алчидæр кувы сыгъдæг æмæ зæрдæбынæй.
Задалескы Нанамæ куывдтытæ Ирыстоны бирæ сылгоймæгтæн фæахъаз сты. Бæрæгбонмæ ссыдысты, ахæм бинонтæ дæр, æмæ бирæ азты дæргъы сæ цотæн зæнæг чи куырдта. Сæхæдæг куыд нымайынц, афтæмæй куывдтытæ Нанамæ фехъуыстысты æмæ ныр бæрæгбонмæ æрвылаз ссæуынц чысыл сабитимæ.
Куывды фысымтæ вæййынц 3 хæдзарæй, æмæ сæ сбæрæг кæнынц хæлттæ сæппаргæйæ. Ацы аз куывды фысымтæ сты Текъойтæ, Цъакотæ æмæ Цопбойты æмæ Суанты мыггæгты минæвæрттæ. Бæрæгбоны хистæр ракувы сывæллæтты рæзгæ фæлтæры цардамонды тыххæй, бафæдзæхсы сæ Нанайыл, цæмæй æнæ фыдбылыз æмæ æнæ маст уой.
Задалескы Нана цалдæр æнусы размæ цы хæдзары цард, уымæй сарæзтой кувæндон, у музей дæр. Ацы аз эпидемиологон уавæр хынцгæйæ æрцæуæг адæмы нымæц бирæ нæ уыд. Ирыстоны цæрæг адæм хорз зонынц, Задалескы Нанайы бæрæгбон, фыццаджыдæр, сылгоймагимæ баст кæй у. Фæкувынц уый амондæн, уый хорзæхæн, уый фидæнæн.
_________________________
Мы рядом в: