Хетæджы дзуары бæрæгбоны мадзæлтты тыххæй ныхас кодтой сæрмагонд æмбырды
14 июлы Цæгат Ирыстоны бæрæг кæнынц æппæты кадджындæр бæрæгбæттæй иу – Хетæджы дзуары бон. Нæ республикæйы алы районтæй Хетæджы къохмæ æрбамбырд уыдзысты мингай адæймæгтæ. Суанг ма Хуссар Ирыстонæй дæр. Сæхи цæттæ кæнын райдайынц дзæвгар раздæр. Ныр дæр афтæ. Фæлæ ацы стыр бæрæгбоныл кæд иууылдæр æнувыд сты, уæддæр бирæтæ сбыцæу вæййынц. Хетæджы дзуары бон кæцы хуыцаубон бæрæг кæнын хъæуы, уый тыххæй. Чи йæ фыццаг хуыцаубон бæрæг кæны, чи - дыккаг. Фæткæвæрд скæныны тыххæй абон Алагиры районы æрбамбырд сты Æхсæнадон змæлд Иры Стыр Ныхасы æмæ бынæттон хиуынаффæйады уæнгтæ. Дзырдтой æндæр райхалианг фарстатыл дæр.
_
Мы рядом в: