Кæимæ цæрæм? #Кæстæр-хистæр
Æрыгон бинонтæ хъуамæ хистæртимæ цæрой æви хицæнæй?
Раздæр ацы фарстайыл хъуыды дæр ничи кодта. Бирæ æнусты дæргъы чи ныффидар, уыцы фæткмæ гæсгæ æрыгон бинонтæ-иу цардысты хистæртимæ. Куыд фæстæдæр, ног бинонтæ куыд стырдæр кодтой, афтæ иу чидæртæ хицæнæй цæрын райдыдтой.
Уый раздæр….
Ныры дуджы та арæхæй-арæхдæр хъусæм, зæгъгæ, æрыгон бинонты фæнды хицæнæй цæрын.
Цæмæн афтæ аивта фæсивæды зондахаст. Цавæр цæстæй кæсынц ацы фарстамæ хистæртæ. Разы сты æви нæ? Ууыл ныхас кæндзыстæм нæ радон программæйы.
_
М