Абон æппæт дунейы дæр бæрæг кæнынц телеуыныдады бон
Æмæ ма нæ равдысты кæрон ахæм хъусынгæнинаг: абон æппæт дунейы дæр бæрæг кæнынц телеуыныдады бон. Дзыллон информацийы фæрæзты ’хсæн телеуынынад ахсы ахсджиаг бынат. Ацы бон сæ профессионалон бæрæгбоныл нымайынц канд журналисттæ æмæ оператортæ нæ, фæлæ ма режиссертæ, монтажертæ, техникон кусджытæ — цæмæй адæм æппæт равдыстæ феной, ууыл чи архайы, уыдон иууылдæр. Бæрæгбоныл зæрдæрухсæй æмбæлынц телеканал “Осетия Ирыстон“-ы кусджытæ дæр. Ацы аз нæ телеканалыл æххæст кæны 7 азы. Уыцы рæстæгмæ мах, фыццаджыдæр, архайæм рæстаг информаци адæммæ хæццæ кæныныл, уæдæ нæ телеканалы ис бирæ алывæрсыг æмæ цымыдисаг равдыстытæ дæр. Æмæ кæд нæ егъау командæйы уæнгты се ’ппæты дæр адæм нæ уынынц, уæддæр уыдоны архайды руаджы телевизормæкæсджытæ уынынц нæ программæтæ. Абоны боны фæдыл ма арфæ кæнæм нæ хистæр æмкусджытæн - Паддзахадон телерадиокомпани “Алани“-йы уацхæсджытæ, оператортæ æмæ техникон архайджытæн.