Æрыдоны сывæллæтты музыкалон скъолайæн радтой ног инструменттæ
Дæсаздзыд Куымæриттаты Аделинæ цæгъды Шопены вальс. Зын нотæтæ исын цалынмæ базыдта, уæдмæ цалдæр азы рацыд. Хъуамæ зæрдæйы зæлтæ æмæ инструмент æмуд уой, зæгъы чызг. Польшæйаг классикы уацмыс куыд цæгъдгæ, афтæ заргæ дæр акæндздæн. Йæ курдиатæй суанг рæвдауæндоны дæр бæрæг дардта. Ныртæккæ Аделинæ ис музыкалон скъолайы хуыздæр хъомылгæнинæгты ’хсæн.
Аделинæйæн рæсугъд фæндтæ ис фидæнмæ. Ныртæккæ йæхи цæттæ кæны æппæтуæрæсеон конкурстæм. Фылдæр гæнæнтæ йын фæзынд ног рояльты фæрцы. Ног инструментæн йæ зæлд дæр æндæр у.
Ног инструменттæм Æрыдоны музыкалон скъолайы зæрдиагæй æнхъæлмæ кастысты. Зæрæдтыл дæсгай азтæ цыд. Уыдонæй уæлдай ма ам фæзынд ног музыкалон аппаратурæ, балалайкæтæ æмæ домрæтæ.
20 азы бæрц курдиатджы фæсивæд архайдтой культурæйы галуаны агъуысты. Фарон музыкалон скъолайæн радтой хицæн бæстыхай. Ныртæккæ дзы ис 6 хайады: фортепиано, хор, нывкæнынад, вокал, адæмон инструменттæ, æрæджы та ма байгом кодтой театралон хайад. Скъоламæ цæуы 300-йы бæрц адæймаджы.
Ног инструменттæ скъола райста “Культурæйы“ национ проекты ’руаджы. Директор куыд зæгъы, афтæмæй се ’стырдæр бæллиц сæххæст. Ныр сывæллæттæн аккаг уавæртæ ис æмæ сæ аивады фæндагыл ницы къуылымпы кæны.