Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд аппартон æмбырд

Республикæйы дыууæ скъолайы æмæ рæвдауæндæтты 7 къорды æхгæд æрцыдысты карантины. Уый тыххæй фехъусын кодтой аппаратон æмбырды. Амыдта йæ Дзанайты Барис. Фæлхасадмæ цæстдарды цæгатирыстойнаг управленийæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй Æхснырсæгимæ адæмы нымæц фæфылдæр æмæ ахызт æмбæлгæ бæрæггæнæнæй. Уæлдайдæр парахат кæны сывæллæтты ’хсæн. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй Цæгат Ирыстоны гриппæй рынчынтæ нæй. Ивгъуыд къуыри раиртæстой коронавирусимæ баст 20 цауы. Ныхас ма цыд ахуырады фарстатыл дæр. Ныридæгæн цæттæ сты ирон литературæ æмæ Ирыстоны истори ахуыргæнæн чингуыты фыццаг экземпляртæ. Дзуапдæттæг министрады разамонæг Алыбегты Эллæ куыд фæнысан кодта, афтæмæй хæстæг рæстæг ацæудзысты федералон экспертизæ. Æрныхас кодтой паддзахадон программæтыл дæр. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæны ныхæстæм гæсгæ, “Горæты æнцонвадат уавæртæ аразыны“ программæйы объектты архайд кæронмæ æрхæццæ уыдзæн ацы мæй. Æмæ ма иу ахсджиаг темæ - республикæйы бюджет.
Back to Top