Автомобилон фæндаг «Джызæл – Хъæрмæдон – Дæргъæвс – Дзуарыхъæу» рацарæзты 1-аг къæпхæны фæстæ байгом
Автомобилон фæндаг «Джызæл – Хъæрмæдон – Дæргъæвс – Дзуарыхъæу» рацарæзты фыццаг къæпхæны фæстæ байгом. Куыстытæ цæуынц «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгты» национ проекты æххуысæй. 11 километры дæргъæн хайы рацарæзты фæстæ Хъæни, Хохы Саниба, Хъæрмæдон æмæ Дæргъæвсмæ ацæуын бирæ фенцондæр. Кадджын мадзалы бацархайдта республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис.
Ацы фæндагыл цæугæйæ, бахæццæ уыдзынæ зындгонд туристон объекттæм - Хъæрмæдоны суармæ æмæ Дæргъæвсы ӕрхмӕ. Ацы аз сæ бабæрæг кодта сæдæгай уазджытæй фылдæр. Ардæм раздæр уыд зын æрбацæуӕн, уыимæ ма бирӕ рӕстӕг ахста. Сахат æмæ æрдæг цæуын хъуыди пырх фæн