Хабæрттæ // 2021 / 26 ноября

Ирыстоны хæхты, 2000 метры бæрзæндыл рацарæзты фæстæ кусын райдыдта электрон тыхдæттæг дæлстанцæ. Каджын мадзалы архайдтой Уæрæсейы æдасдзинады Советы секретары хæдивæг Рашид Нургалиев, Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий æмæ Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Адæмы æнцойдзинадæн. Дзæуджыхъæуы кусын райдыдта æхсæнадон транспорты ног маршрут - 44-æм. Йæ фæндаг ракæны раздæр æхсæнадон транспорт кæм нæ цыд, уыцы уынгтыл дæр. Адæмы фервæзын кæнын чи ссыгъд, уыцы хæдтæхæгæй. Ахæм æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ сæрмагонд ахуыртæ арæзт æрцыд Беслæны Аэропорты. Куыд сæххæст кодтой сæ хæстæ ирвæзынгæнджытæ, уый радзурдзыстæм. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top