Абон у Цæгат Ирыстоны Конституцийы бон
Абон у Цæгат Ирыстоны Конституцийы бон. Нæ республикæйы сæйраг закъон сфидар кодта республикæйы сæйраг совет 30 азы размæ. Уæд Цæгат Ирыстон банымадтой Уæрæсейы Федерацийы субъектыл. Документы фыст ис Цæгат Ирыстоны территориалон бынат. Нæ регионы цæрджытæн Конституцийы боны фæдыл арфæ ракодта Сергей Меняйло. Конституци сбæлвырд кодта нæ регионы æхсæнадон-политикон фæндаг æмæ сфидар кодта нæ республикæйы цæрджыты бартæ æмæ гарантитæ. Уый ’руаджы хъахъхъæд цæуынц культурон бынтæ, монон хæзнатæ. Уыдоны бындурыл та арæзт у нæ цард. Иумæйагæй архайын хъæуы, цæмæй дунейыл уа æмбарынад æмæ рухс фидæн, алы цæрæг дæр йæхи æнкъара хъахъхъæд, йæ ныфс дара паддзахадыл.