Арвы айдæны аргъау I Алæмæты аргъæуттæ
Арвы айдæнæй куы кæсай, уæд кæйфæндыдæр ссардзынæ. Уæларвыл уа æви зæххыл. Æлдары чызг ахæм арвы айдæны хицау уыдис. Æмæ йæм цы курджытæ цыдис, уыдонæн иу 3 хатты бамбæхсыны бар радта, цæмæй сæ ма равдиса арвы айдæн, афтæмæй. Фæлæ иу дзы алкæйы дæр ссардта. Нæ аргъауы хъайтар дæр сфæнд кодта йæхи бафæлварын… Ссардта йæ æви нæ, арвы айдæнæй æлдары чызг? Кæсут æмæ хъусут ног аргъаумæ.