Олимпаг хъæзтыты уæлахиздзау Сидахъаты Зауырбег Ирыстонмæ схæццæ

Уæлахизимæ Ирыстонмæ.Токиойæ Республикæмæ сыздæхт Олимпаг хъæзтыты чемпион Сидахъаты Зауырбег. Беслæны аэропорты спорсменмæ æнхъæлмæ кастысты бирæ адæм - йæ хиуæттæ, йе ’мбæлттæ, республикæйы спортивон æхсæнады минæвæрттæ. Уæлахиздзауыл сæмбæлдысты куыд æмбæлы афтæ - 3 чъири æмæ бæгæныйы къусимæ. Сидахъаты Зауырбег фæуæлахиз 74 килограмы онг уæзы. Уæвгæ, Цæгат Ирыстоны спорсментæ олимпаг хъæзтыты сæхи хорз равдыстой. Республикæмæ сластой 4 майданы. Се ’нтыстдзинæдтыл сын цин кодтой канд ирон адæм нæ, фæлæ æгас Уæрæсейы цæрджытæ дæр. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top