Ирыстоны райдыдта Лæгты Дзуармæ кувæн къуыри

Къуырисæры изæрдалынгтæ кæнын куы райдыдта, уæд Джызæлы цæрджытæ Дзуары бынмæ æмбырд кæнын райдыдтой. Дыццæджы æхсæв - Уастырджийы æхсæв. Хойрагæй хæдзæртты æрцæттæ кодтой кувинæгтæ: æртæ уæливыхы, бæгæны, кусарт чи акодта, уыдон физонæг. Ардæм минас кæнынмæ нæ цæуынц, фæлæ кувынмæ, бинонты æмæ сыхбæсты бафæдзæхсынмæ. Хъæуы цæрджытæ бæрæгбоныл сæмбæлдысты хъæлдзæг æмæ буцæй. Куыд зæгъынц, афтæмæй канд фынджы дзаджджындзинадмæ нæ бæллынц. Хъуамæ дæ митæ, ныхас æмæ хъуыдытæ уой сыгъдæг. Дзуары бынмæ карз нозт нæ хæссынц, нæдæр дзы æнæуаг, нæдæр хъæр ныхас фехъусдзынæ. Лæггадгæнæг æмæ омменгæнæг кæстæртæ та — бирæ. Кувинæгтæй аходæггаг хæдзармæ дæр ахæссынц, цæмæй дзы бинонтæ фæхъæстæ уой. Къуырийы дæргъы Уастырджийы номыл бæрæгбоны фынгтæ уыдзысты алы ирон хæдзары дæр.
Back to Top