Поют Осетины - Уарзондзинад
Уарзондзинад - Поют Осетины
слова и музыка: Нодар Гуцати
Уарзондзинад дур куыннæ у, зон мæ хуры хай.
Рауай ма чызгай мæ размæ, о мæ уды хай.
Дæ цæстæнгасмæ æз базыттон, уарзыс ды мæн дæр.
Царды мидæг æз дæу уарзын, бауарз мæ ды дæр.
Базард:
Æз ма дæ иу хатт дæр куы фенин доны был.
Бадзурин дæм, уазал дон ма бадар мын.
Базмæлит мæ уæнгты мидæг, уæд мæ туг.
Базонисæй дæу куыд уарзын, о мæ хур (2 хатт)
Ды фæсмон мæнæй нæ кæндзæ, дзурын дын чызгай.
Царды мидæг æз дæу уарзын, бауарз мæ ды дæр.
Уæ кæрты рæзты æз `рцæйуайын, хъахъхъæнын иу дæу.
Кæд мыййаг донмæ цæугæйæ, ауынон æз дæу.