Дзиццойты: Абайты Васойы фæсарæнты къадтæр зонынц

Филологон зонæдты кандитат #Дзиццойты Юрий радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта Абайты Васойы тыххæй Ацы аз декабры мæйы зындгонд ирон ахуыргонд Абайты Васойæн нысан кæнынц йæ 120 азы юбилей. Дзиццойты Юрийы ныхæстæм гæсгæ Васо уыдис йæ дæсныйады æппæты раззагонтæй сæ иу. “Ис ахæм ахуыргæндтæ, кæцытæ ногдзинæдтæ бахæссынц теоримæ, Абайты Васо дæр уыд уыцы ахуыргæндтæй. Фонемæйыл бирæ ныхас цыдис, фæлæ Абайты Васо йæ ныхас загъта, цы у фонемæ æмæ йæ куыд хъæуы æмбарын“, - банысан кодта Дзиццойты Юрий.
Back to Top