Эпосы сурæттæ I Бæстондæрæй
Зæххы къорийыл цæры 1500 адæмыхаттæй фылдæр. Уыдонæй хи эпос ис æрмæстдæр дыууæ сæдæмæ. Се `хсæн сты ирон адæм дæр Нарты кадджытимæ.
Уый у, нæ аивады кусджытæ сæ уацмыстæн цымыдисаг хъуыдытæ, темæтæ æмæ сюжеттæ кæцæй исынц, ахæм æнæбын цад. Уымæн æвдисæн нæ республикæйы нывгæнджыты Цæдисы сæрмагонд равдыст «Образы эпоса» дæр. У Нартиадæйы азимæ баст. Нывгæнджытæ адæмы размæ рахастой алы жанрты конд куыстытæ. Нарты хъайтартæн цыма се стыр сгуыхтдзинæдтæм æнусты сæрты акастыстæм, афтæ рауад.
00:00 - Равдысты сæр;
00:40 - Ирыстоны нывгæнджыты Цæдис Нартиадæйы азыл куыд сæмбæлд, уый тыххæй;
02:35 - Айларты Таймураз йæ ныв «Игры юношей-нартов»-ы тыххæй;
04:00- Хъуыссæты Зæлинæ, Нарты кадджытæ ирон адæмы царды ахсджиаг бынат цæмæн ахсынц, уый тыххæй;
05:21 - Дзукъаты Николай йæ скульптурон композици «Сырдон Ныхасы»-йы тыххæй;
07:10 - Мæргъиты Таймураз, равдысты архайæг нывгæнджытæ Нарты кадджыты сюжеттæй куыд пайда кæнынц, уый тыххæй;
08:44 - Цæллагты Виктор: Нарты кадджыты ис бирæ диссаджы хъуыдытæ. Алы нывгæнæг дæр архайы уыдон раргом кæныныл;
11:00 - Челæхсаты Магрез иу нывы Нарты кадджыты сюжеттæ куыд баиу кодта, уый тыххæй;
17:36 - Кцойты Виталий Нарты кадджыты бындурыл цы сахæттæ аразы, уый тыххæй;
19:51 - Деметы Ибрагим равдыстмæ цы куыстытæ бавдыста, уый тыххæй.
_________________________
Мы рядом в: