Кировы районы иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ цæттæгæнæн центр æнтысджынæй кусы
Къласы иу уæгъд бынат дæр нæй. Уырыссаг æвзаджы урочы 40 скъоладзауы ис, иу ахуыр фæцух кæнын дæр сæ нæ фæнды. Ацы предметæй фæлварæн раттын алкæмæн дæр æнæмæнг у. Дарддæр, нывæзтмæ гæсгæ, математикæ. Лианты Аминæ равзæрста экономикæйы къабаз. Йæ бæллицмæ фæндагыл фыццаг æнтыстджын къахдзæф у — иумæйаг паддзахадон фæлварæнæй хорз бæрæггæнæн.
Урок цæуы 3 сахаты, фæлæ улæфтытимæ. Сывæллæттæ нæ бафæллайынц. Ныртæккæ сæ зæрдыл лæууын кæнынц вектортæ — темæ уадиссаг зын нæу, фæлварæны йыл сæмбæлдзысты. Дзырдæн, профилон математикæйы домæнтæ нæ фæивтой.
Иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ кæм цæттæ кæнынц, ахæм центр Кировы районы иу ис. Елхоты 3-æм скъоламæ ссæуынц хъæутæй дæр. Ахуыртæ цæуынц къуыри дыууæ хатты, рахай сын кодтой 4 аудиторийы. Агъуыстытæ хъæугæ фæрæзтæй ифтонг сты.
Иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ цæттæгæнæн центр кусы дыккаг аз. Фæсивæдæн æххуыс кæй у, уый ныридæгæн бæлвырд у. Кировы районы ис 90 рауагъдоны, уыдонæй 70 сæхи цæттæ кæнынц Елхоты 3-æм скъолайы.