Владимир Келехсаев - Хатыр мæ зæрдæйæн (Абон æз фæрасыг дæн...)
Хатыр мæ зæрдæйæн (Абон æз фæрасыг дæн...) - Владимир Келехсаев
Слова и музыка: Владимир Келехсаев
вокал - Левон Хубаев
клавиши - Алан Музаев
Абон æз фæрасыг дæн, æз банызтон
Чындзæхсæвы æз мæ рæстæг арвыстон
Уый ма уарзон æндар лæппумæ мой кæны
Ацы чызг мæнæн мæ зæрда дон кæны
⠀
Цины фынгыл дардмæ хъусынц зарджытæ
Арфæ кæнынц кæстæртæн сæ уазджытæ
Ракуывтон æз дæр мæ иунæг уарзонæн
Расыгай мæ чи зоны нæ базона
⠀
О фæлæ кæдæм фæтæхыс иу гыццыл фæлæу
Ракæс ма мæм, раздæх ма мæм курын
Уарзгæ дæ кæнын, уарзгæ дæ кæнын
О мæ зæрдæ, ма баком тæхын
⠀
Абон æз фæрасыг дæн æз банызтон
Æз мæ чызгы æндар лаппуйæн арвыстон
Сомы кодта ацы чызг кæддæр мæнæн
О Хуыцау, ныххатыр кæн мæ зæрдæйæн
⠀
Нал баддзысты мæйы рухсмæ уарзæттæ
Нал цин кæнынц дыууæ удыл суадæтта
Нал уыдзæнис уыцы рæстæг раздæхæн
Нал тондзынан æз мæ чызгæн уардитæ
⠀
О фæлæ кæдæм фæтæхыс иу гыццыл фæлæу
Ракæс ма мæ,м раздæх ма мæм курын
Уарзгæ дæ кæнын, уарзгæ дæ кæнын
О мæ зæрдæ, ма баком тæхын (2 хатт)