Радион Гуларов - Ма мын кæн тæргæйттæ

Ма мын кæн тæргæйттæ - Радион Гуларов (О мæ уарзон чызг) О мæ уарзон чызг цæй рухс дæ Хурау у дæ цæстæнгас Судзынц дæ уындæй мæ рустæ Нал дæм ппарын аз ныхас гъе-е-е-е-ей Райсомæй куыстмæ цæугæйæ Æз дæуыл куы фембæлын Амонды тынтæ хæргæйæ Уат æхсынц æваст мæныл гъе-е-е-е-ей Ма мын кæн чызгай тæргæйттæ Ма мбæхс ме нгасæй мæхи Раргом кæн фæлтау дæ зæрдæ Батава мæн дæр дæ цин гъе-е-е-е-ей Згъордзæн ныл фæрнæй нæ рæстæг Амондджын уыдзæн нæ цард Иры быдырты мæ бæсты Хъуысдзæни æдзух нæ зард гъе-е-е-е-ей
Back to Top