Диана Бесолти - Не’ мбарыс

Не’ мбарыс - Диана Бесолти слова: Гиго Цагараев музыка: Ацамаз Макоев Æз дын мæ удæй арт кæнын — Ды та йæм хал дæр не ‘ппарыс. Дæ сыгъдæг номæй ард хæрын... Уæддæр, уæддæр мæ не ‘мбарыс! Æз дæ фыны дæр агурын, Ды та мæ бон дæр не ссарыс. Мæ сусæг фæндтæ раздурын, Уæддæр, уæддæр мæ не ‘мбарыс! Æз дæ мæ зарæг рахонын Ды та йыл сау дæр не ‘фтауыс. Нæ цардвæндаг дын амонын — Уæддæр, уæддæр мæ не ‘мбарыс! Æз дын мæ цард дæр авæрын Ды та мæ мур дæр не ‘ндавыс Зæрин тынтæй дæм ракалын Уæддæр, уæддæр мæ не ‘мбарыс! Æз зон дæ мæтæй батадтæн Ды та мæ сагъæс не ‘нкъарыс Сæрдыгон сыфау баруадтæн Уæддæр, уæддæр мæ не ‘мбарыс! Æз дæ мæ зарæг рахонын Ды та йыл сау дæр не ‘фтауыс. Нæ цардвæндаг дын амонын Уæддæр, уæддæр мæ ‘мбарыс! Кæдмæ цæрдзынæ хибарæй, Кæд зæгъдзынæ дæ рухс фæндон. Æз зонын, зонын фидарæй Мæн бауарздзынæ искæд бон!
Back to Top