Боциты Барон I Судзаг æвзаг

Боциты Барон ирон прозаикты хуыздæрты номхыгъдмæ хауы. Йæ хъуыстгонд уацау «Саст рæхыс» нымад у фыссæджы сæйрагдæр сфæлдыстадон æнтыстыл. Бароны нуарджын æвзагæй цалдæр цымыдисаг дæнцæджы æрхæсдзыстæм ацы рауагъды. «Саст рæхыс» ис равгæнæн электронон библиотекæ «Бæрзæфцæг»-æй: *ХЪАУГЪА: «Уæддæр кæрæдзиимæ куы фæхъаугъа вæййынц...» *ÆЛГЪÆД: «Уæд иунæг комдзаг дæр лæджы зæрдæ балгъæд кæнид» *ФИСТСÆР: «Уый уыдис тымбылдзæсгом, рæстæмбис ас, сауцæст, мыдхуыз фистсæр лæппу» *ХÆРВ: «Калм йæ хæрв куыд феппары…» *КЪÆМБЫР: «Уæд ныххызт къæмбыры бын аууонмæ…» *ХЪÆЛЗÆНГ: «Афтæ та хъæлзæнгæй арастис фосы разæй» *МÆЙДАР: «Къæвда дæр фæсабыр, фæлæ ахæм мæйдар уыдис, æмæ...» *КУЛ: «Сывæллæттæ, раздæр-иу уынгты къæвда донæй култæ чи кодта…» *АСÆСТ: «Сау асæстытæ  кæмтты сæхи бынноз æристой» _________________________ Мы рядом в:
Back to Top