Хетæккаты Къоста
Хетæккаты Къоста
Раджы хохы цъуппæй касти
Иу æрра фыййау,
Мигъ æнгом йæ быны бадти,
Урс цагъд къуымбилау.
Бахъазыд дын æм йæ зæрдæ, –
Тæккæ былгæрон,
Дурыл авæрдта йæ къæхтæ:
“Агæпп æм кæнон, –
Загъта, – фос уал ам мæ сæрмæ
Хизæд уæзæгыл,
Æз фæхуысдзынæн изæрмæ
Уыцы бæмбæгыл...”
Дардыл йе уæнгтæ фæхаста, –
Гъопп! – зæгъгæ, йæхи
Пуртийы зыввытт фæласта...
Лæг ныххæррæгъ и!
Цæгат Ирыстоны 15 майы бæрæг кæнынц ирон æвзаг æмæ литературæйы бон
Source: