Лана Шалохова - Зæрдæй-зæрдæмæ

Зæрдæй-зæрдæмæ - Лана Шалохова Тæходуй, ку базонинæ, Кудæй нур дæ рæсугъд цард; Феронх дæ æви фæкæнис, Мæнмбæл ду æнкъард, æнкъард; Ка дæ уарзуй мæнæй фулдæр, Ке уарзтæй нур дæр мæлис; Нур дæр ма мæ зæрди арф, Еунæг дæр ду ку цæрис; Зæгъунцæ мин нæ исхондзæй, Е дæу амонд, амонд; Мæнгард дан æй, ба æй иронх уо, Уотæй уомæн йæ исконд; Нæ зонунцæ куд хъазар дæ, Мæнæн, о, мæ бон, мæ бон; Фал нæ зонун куд уодзæн, Мæнæн мæ исон; Зæрдæй зæрдæмæ цубур æй над, Исрæсугъд кодтай мæнæн мæ цард; Хор ракæсдзæнæй дæ зæрди, Мацæбæл кæнæ фæсмон; Кадæр нæбал æй дæ царди, Феронх ин кæнæ йæ ном; Мæ зæрдæн йæ тæккæ арфи, Рагæй дæр ду ку цæрис; Хори бæсти дæр мæ уоди, Еунæгдæр ду ку гъæуис; Ду ба æндæр кедæр хæццæ, Дæ фæндтæ нур дæр бæттис; Нæ лæдæрис кизги сагъæс, Ех, куд мæ нæ лæдæрис; Æрхун кæнун дæр не’ ндеун, Æфсæрми дæр ку кæнун; Рагæй дæр кедæр бийнонти, Нивгунæй æз ку цæрун; Æрæфтуйуй хъæбæр арæх, Мæ зæрди дæ рæсугъд ном; Фал нæ кæнун нецæбæл, Ацибон фæсмон, фæсмон; Зæрдæй зæрдæмæ цубур æй над, Исрæсугъд кодтай мæнæн мæ цард; Хор ракæсдзæнæй дæ зæрди, Мацæбæл кæнæ фæсмон; Кадæр нæбал æй дæ царди, Феронх ин кæнæ йæ ном.
Back to Top