Æлбегатæн Камиллæйы æнæниздзинадыл тох æмæ Цомартаты Изæтбеджы ног чиныг I Изæры рад

А-изæр нæ дзырды сæр уыдис Æлбегаты Камиллæйы хъысмæт. Дохтыртæ йæм раиртæстой, Ирыстоны æрмæст ацы чызгмæ чи фæзынд, уыцы генетикон низ. Куыд ын ис баххуыс кæнæн æмæ кæй фæрцы, уый тыххæй дзырдтой Гуыбаты Маринæ æмæ Габеты Батраз, хæрзаудæн фондты разамонджытæ. Афтæ ма уын стыр æхсызгонæй фехъусын кодтам, фыссæг Цомартаты Изæтбегæн йæ трилоги “Зынгхуыст бæллицтæ“-йы дыккаг чиныг рухс кæй федта, уый. Кæд фендзыстæм æртыккаг чиныг æмæ ма бирæ æндæр хъуыддæгтыл чингуыты авторимæ ныхас кодтам нæ студийы. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top