Плиты Грис. Урс бæлон
Урс бæлон.
Автор Плиты Грис, кæсы Мамсыраты Тасолтан
Урс бæлонау мæм æрбатахт
Хæцæны дæ фыстæг,
Æмæ зæрдæ барухс уайтагъд -
Нал у ныр æнтъыснæг.
Бæлонмæ кæсын, æмæ мын
Байдыдта дæ бустæ...
Хъусын, æмæ та дæ кæуын
Азæлы мæ хъустыл:
«Раздæх, ра, нæхимæ тагъддæр», -
Алы фысты домыс, -
Фæлæ хæст уынгæг у, знаг дæр
Тагъд сæттын нæ комы.
Нал у, нал у фæндаг тынг даргъ -
Хъизæмарæй здæхæн.
Урс бæлонау дæм, мæ зынаргъ,
Хъуыдыты фæтæхын:
«Бабыхс, ме скаст, байдай худын,
Сахуыр у фæразын,
Зынты бафæразæг удæн
Адджындæр у уарзын.
Ды цыкурайы фæрдыг дæ
Удхайраг салдатæн,
Уый дæ сау цæстытыл сыгтæ
Бахус кæндзæн батæй».