Рок-группа “Kroydon“ - Хæдзаронтæ
Хæдзаронтæ - Рок-группа “Kroydon“
слова: Коста Хетагуров (“Ногбонты зарæг“.)
НОГБОНТЫ ЗАРÆГ
Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ!
Фæцæуынц уæм дæрдбæлццонтæ...
Æддæмæ ма цæм ракæсут!
Уæ мæсыгмæ цæ бакæнут!
Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ!
Фæцæуынц уæм нæуæг бонтæ.
Уæ ал–аз дæр хорзæй уынат!
Уæ фидæнмæ фæрныгдæр уат!
Уæ лæг уын саг куыд амара!
Уæ ус уын тыр куыд ныййара!
Хъæуваг куывд уæм куыд æрцæуа!
Уæ басылы къух мæн куыд фæуа!
Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ!
Фæцæуынц уæм нæуæг бонтæ!
Фæхæссынц уын нæуæг бонтæ
Фыдздзаг хæрзтæй хуыздæр хæрзтæ!
НОВОГОДНЯЯ ПЕСНЯ
Хадзаронта, хадзаронта,
К вам — гости. Вы не заняты?
Как путников, встречайте нас,
На башню приглашайте нас!
Хадзаронта, хадзаронта,
Минувший год — он старым стал:
Вас новый год приветствует,
Он к вам с дарами шествует.
Ловцу — оленя стройного,
Супруге — сына-воина,
А мне от пира вашего
Одну бы руку башила!
Хадзаронта, хадзаронта,
К вам новый год недаром-то...
Он дни ведет нежданные,
Дары несет желанные!