Арвычызг

Арвычызг Бæртæлæджы хæдзары æррынчын, æмæ йæ хъæрзын цыди. Æмæ Бæртæлæг афарста йæ усы: – Куыд у нæ рынчын? – Тынг уæззау, фæлæ дард ма фæцу. Бæртæлæгæн хъæдмæ æнæцæугæ нæ уыд, æмæ, суанг цалынмæ ’рбабон, уæдмæ уым фæци. Боныцъæхтыл зæрватыкк ратахти, æмæ хæрзæггурæггаг фæци Бæртæлæгмæ: – Арвычызгæн лæппу райгуырди. – Табу Хуыцауæн – Нартæ мыггагдзагъд нæ фесты. Фæтæх адæмы уарзон, Хуыцаумæ ’мæ йын зæгъ: хæрæфырт ын райгуырди. Зæрватыкк атахти Хуыцаумæ ’мæ йын загъта: – Дæ хæрзæггурæггаг мæн, Хуыцау!
Back to Top