Джиоты Станиславы фæнысан кодтой Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады

Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрад фехьусын кодта прапорщик Джиоты Станиславы æхсардзинады тыххæй. Сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæг Украинæйы бастдзинады станцæйы разамонæг иннæ салдæттимæ арæзтой цæугæдоны сæрты рæстæгмæ хид. Æвиппайды сæ æхсын райдыдтой. Иу рæмудзæн æрмæг ауад, бастдзинады станцæ кæм уыд, уыцы хæдтулгæйыл. Хиуыл нæ ауæрдгæйæ, Джиоты Станислав хæдтулгæйы сæрмæ схызт æмæ антеннæ бацалцæг кодта. «Фыццаг канал» куыд хъусын кӕны, афтæмæй уый руаджы канд хи нæ бахъахъхъæдтой, фæлæ ма сӕ размæбырст дæр æнтысджын рауад. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top