Нар... Ирыстоны номдзыд хъбулы й авдны чи аузта, уыцы брзонд хохаг хъу

Нар... Ирыстоны номдзыд хъæбулы йæ авдæны чи аузта, уыцы бæрзонд хохаг хъæу. ⭕️ Тъæпæнсæр рагон хæдзæрттæ дзы æфсæрмхуызæй ивгъуыдæн æвдисæнтау лæууынц, тæрсынц, мыййаг, кæд уыцы дуджы фарн æххæстæй нæ бахъахъхъæдтой. Цымæ кæцы хæдзармæ уæлдай арæхдæр уад Къоста? Цымæ дзы кæй бинонтæ тынгдæр тæригъæд кодтой сидзæр лæппуйæн æмæ дзы кæм фехъуыста фæндыры фыццаг зæлтæ? Кæнæ-иу йæ лæдзæджы `нцæйтты кæцы рæттыл суад? Уæвгæ, уыцы лæдзæг йæхæдæг дæр хæзна у. Къостайы къухвæд чи хъуыды кæны, уый. Æмæ нæ ацы равдысты фæнды сæрмагондæй йæ кой ракæнын... Кæсут#Заманæй 24-æм октябры 21:20 Source: IrystonTV
Back to Top