Куыд хъæуы кусын хъæлæсимæ I Сæумæрайсом

Зарæг адæймагимæ æмдзу кæны йæ райгуырдæй фæстæмæ. Ноггуырд мадæлон æвзаджы ад банкъары авдæны зарæджы ныхæстимæ. Фæллойгæнæг йæ фæллад уæнгтæ рог кæны зарæгæй. Зарæгæй фæндараст кæнынц бæлццоны. Иры дзыллæ сæ разагъдты лæгтæн зарæгæй кад кæнынц. Уæдæ нæ сæумæрайсомы уазджытæ дæр сты йæ цард зарæгимæ чи сбаста, уыдон. Радзурдзысты куыд хъæуы хъæлæсæй архайын, цæмæй сæ аивадæй бирæ азты сæ бон уа адæмы рæвдауын. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top