Кочысаты Мухарбег. Мыййаг, хсты быдыры искуы...

„Мыййаг, хæсты быдыры искуы...“ Автор Кочысаты Мухарбег. Кæсы Дудиаты Владимир. Мыййаг, хæсты быдыры искуы, Куы фæууон мард, Æмæ куы аскъуыйа æмбисыл Мæ рæазгæ цард. Мыййаг, куы нал фæуон кæронмæ Мæ зарæг æз, Æмæ куы бамыр уа бынтон дæр Мæ сонт хъæлæс Мыййаг, куы фæсыкк уой мæ фæндтæ, Мæ рухс фæндаг, О, курын уæ, зынаргъ æмбæлтæ, Æз иу хъуыддаг. Зæгъут-иу мын мæ зæронд мадæн, Куы фæуа хæст, Хæсты быдыры, зæгъ, фæмардтæн Цытимæ æз! Зæгъут иу ноджыдæр Кавказæн, Салам мæнæй! Æцæг хъæбулау дæ, зæгъ, уарзтон, Зæрдæбынæй!
Back to Top