Цграты Валентин й цард снывонд кодта музыкйн

Тыхджын къухæмдзæгъæгъд æмæ ирд æнкъарæнтæ. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ сценæмæ рацыд Цæгæраты Валентинæйы разамындæй хор. 120 адæймаджы, алкæуыл дæр сæрмагонд уæлæдарæс, сæ бакаст аив. Хор хъуыстгонд уыд æгас республикæйы, йæ алы рацыдмæ дæр адæм æхсызгонæй æнхъæлмæ кастысты. Хормæ бахауынмæ бæллыдысты дæсгай адæм. Гыццылæй фæстæмæ йæ хæдзары Валентинæ хъуыста музыкæ. Йæ мад арæх цыд спектакльтæм, хæдзары та уарзта фæндырæй цæгъдын. Уæд чысыл Валентинæ архайдта йæ мады фæзмын. Тагъд рæстæджы чызджы курдиат раиртæстой хæдзары. Йæ фыд ын балхæдта аккардеон æмæ йын баххуырста ахуыргæнæджы. Валентинæ къорд рæстæг ацахуыр кодта, уый фæстæ бацыд дирижерон-хорон хайадмæ. Йæ цард цæхгæрмæ фæивта 1955-æм азы. Дирижер Карилл Станценко хъуамæ архайдтаид горæты бонæн нысангонд бæрæгбоны, фæлæ фæрынчын. Уæд ын йæ бынатмæ фæхуыдтой Валентинæйы. Сæдæгай адæм, æфсæддон оркестр, егъау хор. 3-æм курсы студенткæйæн ацы фадат уыд хорз гæнæн йæхи равдисынæн. Цæгæраты Валентинæмæ уыд æнахуыр курдиат. Тырнындзинад, йæ куыстмæ уарзондзинад та никуы мынæг кодта. Афтæмæй музыкæмæ æмхиц кодта кæстæрты дæр. Фæлмæн æмæ хæларзæрдæ, рæстдзæвин æмæ кæдфæнды хъæлдзæг адæймаг. Сывæллæттæ йæ нымадтой сæ дыккаг мадыл. Йæ скъоламæ бахауынмæ та бæллыд алы саби дæр. Алкæмæ дæр сæ йæ бон уыд фæндаг ссарын, раргом кæнын сæ гæнæнтæ. Йæ ахуыргæнинæгтæ абон дæр æхсызгонæй сæ зæрдыл дарынц педагогы. 2014-æм аз, газетты фыццаг фæрстыл сæргонд “Волшебная палочка Даны Муриевой“. Сценæйы чысыл 13-аздзыд чызг-дирижер. Уыцы рæстæг, дунейы иунæг. Зарынмæ æмхиц уыд 4 азæй фæстæмæ, 7 азæй йæ радтой Чайковскийы номыл музыкалон скъоламæ. Педагогтæ йæ бафиппайдтой, заргæ-зарын чызг йæхицæн къухтæй кæй æххуыс кодта, уыимæ арæхстджынæй. Бамбæрстой йæ чызг æнахуыр курдиаты хицау кæй у. Абон йæ репертуары дунейы классикты шедевртæ. Бантыстис ын симфонион оркестримæ дæсгай равдысты архайын. Ацы бинонты кæд фæнды фæзæлы музыкæ. Йæ курдиатæй Валентинæ разæнгард кæны алы адæймаджы дæр. Кæд сæ алчи музыкæ нæ равзæрста, уæддæр. Синтезатор куыддæр скусы, афтæ иууылдæр æрбамбырд вæййынц æмæ райдадйынц зарын уарзон зарджытæ. Уый сын сси традици. Валентинæйæн йæ зæрдыл хорз лæууы уыцы хъуыддаг: систой æмбæрзæн, рухс, къухты аив айст. Сæдæгай адæм æнхъæлмæ кæсынц. Хор райдыдта зарын. Хъæлæстæ баиу сты иуы хуызæн. Стыр æргом архайджыты уæлæдарæсмæ. Иууылдæр сау хæлæфты, юбкæты æмæ жилетты. Æмæ æнæмæнг бантикты. Валентинæ сæ бахуыдта йæхæдæг. Абон сылгоймаг мысы йæ архайд. Музыкæйыл йæ зæрдæ нæ сивта. Цæгæраты Валентинæйы разамындæй схъомыл къорд дирижертæ, педагогтæ æмæ вокалистты. Йæ курдиатæй разæнгард кодта сæдæгай адæмы. Йæ ном та сызгъæрин дамгъæтæй фыст уыдзæн Ирыстоны хоры сфæлдыстады. Абоны онг дæр сылгоймаг æххуыс кæны йæ ахуыргæнинæгтæн. Сæ æнтыстдзинæдтæ нымайы йæхи æнтыстдзинадыл.
Back to Top