Хабæрттæ. Ирыстон // 22:00 // 10 июля 2018

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг фембæлд республикæйы сывæллæтты хæдзæртты рауагъдонтимæ. Суанг ма Мæздæгæй уазджытæ дæр сæмбæлдысты. Цæуыл ныхас кодтой æмæ сæм дарддæр цавæр пълæнттæ ис, уый радзурдзыстæм. Дыккаг амæлæтæн уæвæн ис æви нæ? Дзæуджыхъæуы госпиталон уæлмæрд æдзæллагæй цæмæн баззад, кæд æмæ йын стыр историон нысаниуæг ис? Афтæ зæгъынц ахуыргæндтæ. Кæй бæрны ис ацы бынат æмæ йæм цавæр фидæн æнхъæлмæ кæсы, цымæ? Хуыбылты мыггаг ацы хатт сæ чызгæй сæрыстыр сты. Хуыбылты Ирэнæ ссис Европæйаг ерысты уæлахиздзау. Уарзы дзюдо, йæ ныхмæлæууджыты ассивы йæ разæй æмæ майдантæй цы ссары, уыдон йæ хъуырыл сæрттивынц. _ Мы рядом в:
Back to Top