Тæхæг фæлварæг Теблойты Хъасполатæн Ногиры мемориалон фæйнæг байгом кодтой

Ногиры мемориалон фæйнæг байгом кодтой Теблойты Хъасполатæн. Тæхæг-фæлварæг фæмард хæстон хæслæвæрд æххæстгæнгæйæ 1956-æм азы Калининграды. Штурман уæвгæйæ, хæдтæхæг цæрæн районмæ æрхауын нæ бауагъта. Афтæ, адæмы цард бахъахъхъæныны сæраппонд, йæ цард радта. Калининграды цæрджытæ абон дæр хъуыды кæнынц не ’мзæххоны хъæбатырдзинад. Хъуыды кæнынц, уыцы бæллæхы чи фæмард, уыцы экипажы уæнгты нæмттæ. Мемориалон фæйнæг сфидар кодтой, гвардийы лейтенант Теблойты Хъаспотат кæм райгуырд æмæ схъомыл, уыцы хæдзарыл. Кадджын мадзылы уыд йæ хо, Теблойты мыггаджы минæвæрттæ, Ветеранты Советы æмæ Стыр Ныхасы уæнгтæ, Горæтгæрон район æмæ Ногиры администрацийы кусджытæ. Уымæй у&
Back to Top