Туркӕй - Ирыстонмӕ

Турчы цӕрӕг ирӕтты ӕхсӕнад «Алан» -ы минӕвӕрттӕ ацы бонты сты Цӕгат Ирыстоны. Сӕ фыдыуæзæг фыццаг хатт нæ бабæрæг кодтой. Ныр сӕ нысан у, ирон ӕвзаг æмæ культурӕйы райрæзтыл, стæй ӕгъдау хъахъхъæныныл удуæлдайæ чи архайы, уыдоны схорзӕхджын кӕнын. Журналисттӕ, культурӕ ӕмӕ ахуырады кусджытӕ, фысджытӕ, ӕхсӕнадон организациты минӕвӕрттӕ. Ӕдӕппӕтӕй ӕхсӕнады номӕй хӕрзиуджытӕ радтой 27 адӕймагӕн.
Back to Top