Дзуджыхъу цтт кны Ног азы бргбонм
Дзæуджыхъæу цæттæ кæны Ног азы бæрæгбонмæ. Цæгат Ирыстоны сæйраг горæт ныридæгæн райдыдтой аив кæнын. Бынæттон администраци сæвæрдта фыццаг конструкцитæ ног азы фæлыстимæ. Инсталяци “2025“ саив кодтой Жуковскийы номыл сывæллæтты паркмæ бацæуæн. Фæзындысты ма Хетæгкаты Къостайы номыл фæлладуадзæн парчы æмæ Миллеры уынджы Филармонийы раз, уыимæ ма Штыбы æмæ Уæлахизы фæзты, Коцойты Арсены номыл уынджы æмæ Южныйы поселочы. Ног азы символты цур ис хуызистытæ сисæн, Ног азы бæрæгбоны æнкъарæнтæ зæрдæмæ айсæн. Инсталяцитæ сты хуызджын, изæрыгон та ссудзынц алыхуызон цырæгътæ.