Станислав Собиев, Владимир Тайсаев, Владимир Кабанов - О, Нана
О, Нана - Станислав Собиев, Владимир Тайсаев, Владимир Кабанов
слова: Гиго Цагараев
музыка: Илья Габараев
Хуры тын фыруарзтæй нал быхсы,
Бæласы къалиуыл атыхсы.
Æхсæрдзæн сæмбæлди суадоныл,
Фыруарзтæй йæ зæрдæ ратоны.
Б а з а р д :
О нана, фесæфти мæ фын —
{Горæтмæ рæсугъд чызгайы
Курынмæ цæуын.} x2
Мыдыбындз дидинмæ базары,
Дидин æм йæ хъæбыс бадары.
Иу айнæг иннæмæ бадзуры,
Рог дымгæ йæ къайы агуры.
Б а з а р д
Тæхуды æрбауай, тæхуды,
Зæрдæйы куыд тавы дæ худын.
Мæйау мын дæ цæсгом — цырагъдæр,
Дæуæй мын ницы ис зынаргъдæр
Б а з а р д