50 псалом иронау. На осетинском языке.
Батӕригъӕд мын кӕн, Хуыцау,
Дӕ бирӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ;
Де стыр уарзтмӕ гӕсгӕ
мӕ ссыгъдӕг кӕн мӕ фыдмитӕй.
Бынтондӕр мын ӕрӕхс мӕ азым,
ссыгъдӕг мӕ кӕн мӕ тӕригъӕдӕй.
Уымӕн ӕмӕ ӕз сӕттын мӕ фыдмитыл,
мӕ тӕригъӕд ӕдзух мӕ разы ис.
Дӕ ныхмӕ, иунӕг Дӕ ныхмӕ ӕруагътон тӕригъӕд,
фыдми Дӕ разы бакодтон,
ӕмӕ Дӕ уынаффӕ раст у, Дӕ тӕрхон – ӕнӕхӕрам.
Ӕз тӕригъӕдджынӕй райгуырдтӕн,
тӕригъӕдджынӕй сӕвзӕрдтӕн мӕ мады гуыбыны.
Бӕлвырд, Дӕуӕн ӕхцон у ӕргом зӕрдӕ;
мӕ миддунейы мын рухс кӕныс Дӕ уӕлзондӕй.
Иссопӕй мыл бапырх кӕн,
ӕмӕ уыдзынӕн сыгъдӕг;
цӕхс мӕ, ӕмӕ уыдзынӕн митӕй урсдӕр.
Ратт мын хъӕлдзӕг ӕмӕ цины зӕрдӕйыуаг,
ӕмӕ райдзысты ме стджытӕ, Ды кӕй ныссастай.
Аздах Дӕ цӕсгом мӕ тӕригъӕдтӕй,
слӕгъз мын кӕн ме ’ппӕт азымтӕ.
Сараз мын, Хуыцау, сыгъдӕг зӕрдӕ,
раст уд сног кӕн мӕ мидӕг.
Мá мӕ фӕсур Дӕхицӕй,
Дӕ Сыгъдӕг Уд мá байс мӕнӕй.
Раздах мын Дӕ ирвӕзты цин,
Дӕ рӕвдауӕг Удӕй мӕ сфидар кӕн.
Галиу адӕмӕ