Тымбыл хъæды Дзуарæн лæггадгæнджытæ, Ходы Камалыл сæххæст 80 азы

Адæймаг афтæ конд у æмæ истæуыл кæнæ искæуыл куы æууæнда, уæд ын уый ныфсы хос у. Не замантæй ныры онг Ирыстоны цæрджытæ сæхи Хуыцау æмæ йе сконд зæдтыд фæдзæхстой. Сæ номыл алы хъæуы дæр ис кувæндæттæ. Ис нæм æрвылаз Иры дзыллæ кæм æрбамбырд вæййынц, ахæм бынæттæ дæр. Иу программæйы нын се ппæтыл афæлгæсын нæ рауайдзæн. А-изæр не ргом фылдæр аздахдзыстæм сæ иумæ - Тымбыл хъæды Дзуармæ. Не студийы уазджытæ- Тымбыл хъæды æмæ ныхасы Уастырджийы кувæндонæн лæггадгæнджытæ Чъерджиаты Цæрай, Черчесты Алан æмæ Ботъоты Георгий. Ходы Камалы нæ республикæйы чи нæ зоны, ахæм адæймаг зын ссарæн у. Ирон литературæйы стыр фæд ныууагъдта, нæ аивады къæбицмæ цы æвæрæн бахаста, уый та абарæн дæр ницæимæ ис. Æрмæст Цæгат Ирыстоны гимны ныхæстæ кæй ныффыста, уый тыххæй дæр стыр арфæйы аккаг у. Абон Ирыстоны номдзыд хъæбул бæрæг кæны йæ юбилей. Æххæст ыл кæны 80 азы. Не студимæ æрбахуыдтам Камалы хорз чи зоны, уыдоны, фыссæг Хуыгаты Сергейы æмæ поэт, прозаик, публицист Хохойты Энверы. Одной из обсуждаемых тем прошедших дней ст
Back to Top