Цгат Ирыстоны црджытй Сири, Курскы, Белгороды м Брянскы облстты срмагонд хст чи ххст кны, уыдонн ис иурстгон хца
Цæгат Ирыстоны цæрджытæй Сири, Курскы, Белгороды æмæ Брянскы облæстты сæрмагонд хæстæ чи æххæст кæны, уыдонæн ис иурæстæгон æхцайы æххуыс райсыны фадат. 300 мин сомы æмбæлы рог цæфы тыххæй, уæззауæн — 500 мин сомы. Чи фæмард, уыцы æфсæддоны бинонтæн ратдзысты милуан. Уый тыххæй хицауады æмбырды радзырдта фæллой æмæ социалон рæзты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Маматы Анджелæ. Куыд ма рабæрæг, афтæмæй Къостайы проспектыл 38-æм бæстыхай бахæсдзысты республикæйы исбонадмæ, йæ фæзуат у 5 мин 500 квадратон метрæй фылдæр. Профилон министр Тедеты Руслан куыд загъта, афтæмæй дзы æрбынат кæндзысты организацитæ. Хицауады уæнгтæ ма æрдзырдтой æнæниздзинадхъахъхъæнынад, ахуырад, агропромышленнон комплекс æмæ культурæйы райрæзты 2030 азы онг мадзæлттыл.