Адмон фронты активистт сбрг кодтой Дзуджыхъуы афтекты физиологон таддаг ис ви нй, уый
Адæмон фронты активисттæ Дзæуджыхъæуы афтекты сарæзтой мониторинг. Бæрæг кодтой физиологон таддаг дзы ис æви нæй, уый. Физраствор кæй нæ фаг кæны, уый тыххæй хъусынгæнинæгтæ апарахат сты бæстæйы алы регионты. Рейды рæстæг бабæрæг кодтой 4 афтечы, препарат дзы разынд æрмæст дыууæйы. Кусджыты ныхæстæм гæсгæ, уый баст у кондады къуылымпыдзинæдтимæ. Уый ахоссæй схызт физиологон таддагы аргъ дæргъ.
Дефицит бæрæг кæнынц æппæт бæстæйы дæр. Нæ республикæйы уавæр æвзæр нæу, зæгъынц Адæмон фронты активисттæ.