Стихи Победы / Хстон рнхъыт. Мыййаг, хсты быдыры искуы...
“Мыййаг, хæсты быдыры искуы...“
Автор Кочысаты Мухтарбег.
Кæсы Дудиаты Владимир
Мыййаг, хæсты быдыры искуы,
Куы фæууон мард,
Æмæ куы аскъуыйа æмбисыл
Мæ рæазгæ цард.
Мыййаг, куы нал фæуон кæронмæ
Мæ зарæг æз,
Æмæ куы бамыр уа бынтон дæр
Мæ сонт хъæлæс
Мыййаг, куы фæсыкк уой мæ фæндтæ,
Мæ рухс фæндаг,
О, курын уæ, зынаргъ æмбæлтæ,
Æз иу хъуыддаг.
Зæгъут-иу мын мæ зæронд мадæн,
Куы фæуа хæст,
Хæсты быдыры, зæгъ, фæмардтæн
Цытимæ æз!
Зæгъут иу ноджыдæр Кавказæн,
Салам мæнæй!
Æцæг хъæбулау дæ, зæгъ, уарзтон,
Зæрдæбынæй!