ЕСО ЧЫРЫСТИ Иронау
Байхъус Хуыцауы ныхасмæ. Ма сæхгæн цæстытæ рухсæй, Дæ зæрдæ ма ныхъхъæбæр кæн, Уымæн æмæ Хуыцау афтæ бауарзта дуне, æмæ радта Йæ Иунæг Фырты, цæмæй Йыл чидæриддæр æууæнды, уый ма фесæфа, фæлæ йын уа мыггагмæйы цард. Уымæн æмæ Хуыцау Йæ Фырты дунейæн тæрхон рахæссынмæ нæ рарвыста, фæлæ Йæ фæрцы дуне фервæзын кæнынмæ. Чи Йыл æууæнды, уымæн тæрхон нæй, чи нæ Йыл æууæнды, уый та ныридæгæн тæрхонгонд у, уымæн æмæ нæ баууæндыд Хуыцауы Иунæг Фыртыл. Тæрхон та уый мидæг ис, æмæ рухс æрцыд дунемæ, фæлæ адæм рухсы б