Абон Урсейы брг кнынц ирвзынгнджы бон

Дыууæ суткæйы бахъуыд 66 аздзыд альпинисткæйы ирвæзынгæнæн операцийæн. Фæстæдæр æй банымайдзысты афæдзы зындæрыл. Татьяна Тимофеева цыд Адайы хохмæ, фæкалд æмæ йæхи тынг ныццавта. Сылгоймагæн йæ бон йæ къахыл æрлæууын нал уыд. Цъæйы агурæн-ирвæзынгæнæн хайады ирвæзынгæнджытæ уайтагъд атагъд кодтой бынатмæ. 3 мин 300 метры бæрзæндыл хæдтæхæджы пилотæн бантыст иу цалхыл æрбадын, Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæн та рауад туристкæйы раласын æмæ дохтырты къухтæм раттын. Зын операцийæн разамынд лæвæрдта æппæтадæмон æмвуæзады ирвæзынгæнæг Сергей Егорин. Нæлгоймаг радзырдта, хæххон бынæтты алкæддæр зын архайын кæй вæййы, уыимæ ма цардæн тæссаг. Хъæуы иумæйагæй кусын, фæрæдийыны бар дзы никæмæн вæййы. Сергей Егорин йæ дæсныйады 30 азы ис, хорзæй зоны æрвылбон уæззау уавæрты цардæн куыд тæссаг вæййы, уый. Сергей æрыгонæй архайдта альпинизмы. Уыцы рæстæг æхсызгонæй æрымысы, æппæты ирддæр æмæ цымыдисагдæр уыд. Къæдзæхты астæу алæмæты рæсугъд æрдзы йæхи сæрибар фенкъары. Сергей бирæ бæрзæндтæ басаста. Се ’хсæн Килиманджаро æмæ Эверест. Йæ уæлахизтæ ныр дæр ма хорз хъуыды кæны. Йæ дæсныйады фыццаг бон хорз хъуыды Сергей. 1993-æм азы райдыдта фыццаг къласы ирвæзынгæнæгæй кусын. Цалдæр азы фæстæ та йæ банымадтой æппæтадæмон къласы специалистæй. Фæстæдæр æй фæхуыдтой Транскавказы дæлхайадмæ. Æмæ абон дæр, йæ профессионалон бæрæгбоны ис службæйы. Нымад бон сбæрæг кæндзæн йæ хуыздæр хæлæрттимæ.
Back to Top