Цы у Яндекс.Лицей æмæ информацион технологиты æрыгон æмæ фидæны специалисттæ
Нырыккон домæнтæм гæсгæ цæрын. Чидæр сыл зынтæй сахуыр вæййы, чидæр та æнæкъуылымпыйæ. Алчи йæ цардвæндаг йæхæдæг аразы. Зæгъæм, нæ фыдæлтæ сæ цард арæзтой æгъдауы æмæ сæрмагонд домæнты бындурыл.
Фæлæ ныр фылдæр архайæм техникæимæ, æмæ нæ цард домы, машинæйы хуызæн цырд æмæ раст хатдзæгтæ кæнын. Ног гæнæнтыл афтæ тагъд ацахуыр стæм, æмæ æнæ интернет æмæ информацион технологитæй тухæнтæ кæнын райдайæм. Уæдæ ахæм къуылымпыдзинæдтæ чи æвзары, уыдонæн фæзынди хорз фадат.
Ныр иу-цасдæр рæстæг Ирыстоны кусы Яндекс лицей. Цы у, æмæ йæ мидис цæй мидæг ис? Уый та базондзыстæм не студийы уазджыты руаджы. Уыдон сты: Хъуылаты Маринæ - Цæгат Ирыстоны информацион технологиты æмæ бастдзинады уынаффæйады сæргълæууæджы хæдивæг, Сухиб Готани – «Яндекс. Лицей»-ы ахуырдзау, Тыджыты Артур - информатикæйы ахуыргæнæг, Габолаты Георгий – портал - йы кусæг, Æфсæнты Æхсар - программист.
_________________________
Мы рядом в: