Ты помнишь дворец великанов

НИКОЛАЙ ГУМИЛЁВ Лæууы ма ныр уæйгуыты галуан дæ зæрдыл? Лæууы ма ныр уæйгуыты галуан Дæ зæрдыл, мæ зæронд хæлар? Бæрзонд мæсыг, стыр дуртæй амад, Æвзистхæрв кæсæгты нымд бал? Сыгъзæрин бæх, хъазгæ, куыд лæууыд Йæ фæстæгтыл мæсгуыты раз, Нывæфтыд æфтауæн – хæрдгæхуыд Æвзистæй сæрачы гæбаз… Лæууынц ма дæ зæрдыл нæ хæхтæ, Къуымбил мигъты айнæг æнкъард,- Сæнæфсиры гагатау, зæхмæ Куыд хаудысты стъалытæ тагъд. Ныр та мын, мæ хæлар, уæндонæй, Рæстдзинад, æнæмбæхсгæ, зæгъ: Нæ удтæ ыскодтам æндонæй, Нæ бæллиц та къæйтыл – хæррæгъ… Нæ къухтæ тыхджындæр ысисты, Нæ нæмттæ - дунетæн зындгонд, Нæ удтæ та ‘нæмыр хъыллисты Æнустæм нындзыг ысты, зон. Нырма дæр нæ ферох и махæй, Кæд рохгæнаг систæм, уæддæр, Кæй уыдыстæм уарзынхъом рагæй, Тæхын дæр кæй зыдтам кæддæр… Уырыссагæй раивта Плиты Инал
Back to Top