Хекъилаты Мирæ I Цы сусæг кæныс

Адæймагæн хорз зæрдæ куы уа, уæд иннæтæн дæр уарзон свæййы. Нæ уазæгæн æрмæст йæ ном фехъусгæйæ, бирæтæ зæгъдзысты: «Æз дзы бирæ хорздзинад зонын». Чидæр æрхъуыды кæндзæн йæ къæбæрдæттондзинад, иннæтæ та йын бафиппайдзысты йæ цæстуарзондзинад. Ноджы фылдæр та адæмы зæрдæтæ рухс кæны йæ фæндырдзагъд æмæ зарджытæй. Нæ программæйы уазæг - Хекъилаты Мирæ. 00:00 программæйы сæр 00:15 разныхас 01:05 уазæг æрбацыд 02:45 алыварс хистæртæ – дæнцæг сты, дæттын та – удыбæстæ у 05:30 аивадыл æмæ зарджытыл ныхас 06:40 раздæры Дзигойы зарæг, ирон музыкæйы тыххæй. Ирон зарджытæ нырыккон хуызы зарæн ис? 09:00 Мирæйы фыццаг фæндыр, кæм æй ссардта) 10:00 цавæр дæсныйадыл сахуыр кæнын æй фæндыд? 13:30 зианджыны уæлæдарæсы тыххæй 15:25 Мирæйы хъуыдытæ зианы æгъдæуттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый тыххæй 18:25 чындзæхсæвты адæм сæхи куыд дарынц. Уый тыххæй хъуыдытæ 21:28 фыды мадмæ уарзондзинад 22:55 йæ фыд кусарт куыд кодта 24:45 “тынг уарзын тъæнгтæ сыгъдæг кæнын” 26:23 йæ мад куыд куыстуарзон уыд, уый тыххæй 29:40 алы кары æфсинтæ 31:30 сабибонты мысинæгтæ, худæг цаутæ 38:00 йæ хистæрты цæмæй бафæзмыдта? 39:40 хæстон цаутæ 41:35 мады зæнæгæй иунæгæй баззыйын – зын у 44:00 æфсармы тыххæй 46:44 тыхджын адæймаг цавæр вæййы 48:45 цæсгомæй хъæлдзæг, зæрдæйæ та цæссыг 50:00 цард цæмæй хорз у 51:00 фыдæлты намысы тыххæй 53:00 хыз исыны æгъдау раздæр куыд æххæст кодтой 54:45 цы нæ уарзы 56:00 цавæр адæймагыл нымайы йæхи 01:00:00 кæронбæттæн ныхас 01:01:25 амонæг дæтты дæгъæл _________________________ Мы рядом в:
Back to Top