Цгат Ирыстоны кронм рхцц сты республикйы чемпионат мотокроссй
Бынатæй сызмæлдæй финишы онг иу рæдыд дæр трассæйыл ма ’руадзын — ахæм нысан йæ размæ æвæры ерысты алы архайæг дæр. Æрхонкæйы мотодром æрбамбырд кодта æвдайæ фылдæр спортсмены нæ бæстæйы алы регионтæй. Æппæты кæстæрыл цæуы æрмæст аст азы. Ацы мото- æмæ эндуро-кроссы чемпионат республикæйы нымад у егъаудæртæй иуыл.
Трассæйы фæзилæнтæ æмæ цæлхдуртæ фенынæн — фынддæс минуты. Ерыстæм цæттæгæнгæйæ, кроссментæ стыр æргом здахынц физикон цæттæдзинад уæлдæргæнæн архайдмæ. Ацы фæндагмæ рахизгæйæ, буар хъуамæ уа фидар, фæразон. Æмæ уæд мотоциклыл дæр уæндонæй сбаддзынæ.
Ерысты размæ фæндаг бæстон бацæттæ кæнынц. Уый тыххæй алыхуызон мадзæлттæ ис. Стыр дур хъуамæ ма уа балцвæдыл, сæрдыгон та ма кæрдæг дæр æркæрдынц. Уымæй уæлдай, мæй иу хатт трамплинтæ сæмраст кæнынц. Ацы трассæ Цæгат Кавказы хуыздæртæй иуыл нымад у.
Трассæйы дæргъ у дыууæ километрмæ ’ввахс. Ерысдзаутæ домæнтæ куыд æххæст кæнынц, уымæ лæмбынæг кæсынц тæрхонгæнджытæ. Домæнтæ та — алкæмæн иухуызон. Сæйрагдæр, маршрутæй ма фæиппæрд у, кæннод дисквалификацигонд æрцæудзынæ. Уыцы иу рæстæг цæуы хицæн хыгъд æмæ командон дæр. Фарид йæ бинонты фыццаг мотоспортсмен нæу, мотоциклтæм уарзондзинад сæм цæуы фæлтæрæй фæлтæрмæ. Алы ерыстæй дæр ссары байктæ йын чи бауарзын кодта, уыцы хистæрты ном. Спорты ис 15 азы.
Спортсментæ дихгонд сты дæс къордыл: мотоциклты тых æмæ архайджыты кармæ гæсгæ. Сывæллоны мотоспортмæ раттæн ис æртæ азæй. Марк æм ныр дыууæ азы цæуы æмæ цал ерысы архайдта, уый хъуыды дæр нал кæны.
Мотокросс Цæгат Ирыстоны парахат у. Республикæйы уæлахизты традицитæ хъæздыг сты. Чемпионтат сарæзтой «Демиграфийы» национ проект «Спорт — царды нормæ»-мæ гæсгæ.